Æндæр æмæ æндæр бæстæты дипломативон мисситы къухдариуæггæнджытæ оккупацион хаххы гæрон цæрджыты проблемæтимæ æрзонгæ сты
ИНО-йы æндæр æмæ æндæр бæстæты иудадзыг минæвæрттæ, оккупацион хаххы гæрон уæвæг уавæримæ æрзонгæ сты. Делегацийы уæнгтæ Хурвалеты хъæумæ ныццыдысты æмæ телтæй æмбонды иннæ фарс цæрæг Дата Ванишвилиимæ аныхас кодтой. Гуырдзиаг фарс сын деталон информаци бадæтта уыцы проблемæты фæдыл, кæцы оккупацион хаххы гæрон хъæуты цæрджытæн ис. Минæвæрттæ цæст ахастой Цъерованы лигъдæтты цæрæн банытал дæр.
Информацион туры фæлгæтты æндæр æмæ æндæр бæстæты дипломативон миссийы къухдариуæггæнджытæ, фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ ИНО-йы Гуырдзыстоны иудадзыг минæварады оорганизацигондæй, Гуырдзыстонмæ æрвылазонæй фæуазæг вæййынц. Информацион турæн йæ мысан у, Гуырдзыстоны фæдыл зонындзинад сбæрзонддæр кæнын æмæ ИНО-йы уæнг паддзахадтимæ дыууæфарсон ахастыты рапарахат кæнын.