Æнахъомты марындзинады зылынмæ лæвæрды адвокат - хъуыддаджы ис нейтралон æвдисæн, кæцы æнахъомтæй бынтон хъауджыдæргонд æвдисæндзырд дæтты
Æнахъомты марындзинады  зылынмæ лæвæрды адвокат  - хъуыддаджы ис   нейтралон æвдисæн,   кæцы  æнахъомтæй  бынтон  хъауджыдæргонд æвдисæндзырд дæтты

Хоравайы уынгыл  æрцæугæ  марындзинады  хъуыддагыл  иуæ-иу  ахæсты  адвокат  Инга  Шарашенидзе  Фыццаг Къаналимæ   ныхас кæны, æм дзуры цæмæй  хъуыддаджы ис   нейтралон æвдисæн,   кæцы  æнахъомтæй  бынтон  хъауджыдæргонд æвдисæндзырд дæтты.

Инга   Шарашенидзе  бæлвырд кæны, цæмæй фæнысангонд   æвдисæн   ахæм уæнгы кой кæны,  кæцы  йæ  дæлæвджиды æнгс нæу.   «Прокуратурæ йæ зæрдыл нæ бадартта   æвдсиæндзырдты  уыцы хай,  кæцы  фылдæр реалон уыд,  зылынгæнæг фарсы æвдисæндзырдтимæ  абаргæйæ.   Фæдæвзарæн æрфарста цæстæйфенæгы.  Æвдисæн реалонæй   радзырдта   æххæст  сурæт,  цæмйæ цы æрцыд   инциденты рæстæджы.  Уый  лæмбынæг сфыста уыцы гоймæгты дæр,  æмæ сæ   кæцы  цавæр цæф фæкодтой  фæмардуæвджыты. Лæвæрд сурæт уыййас   бæрæг у, цæмæй реалонæй чи ныццавдта  фæмардуæвджыты  цæмæй дзы  гуырысхойаг ницыуал ис.    Фæнысангонд уæнгты  æхсæн нæй мæ дæлæджид» – дзуры  адвокат Инга Шарашенидзе.

Паддзахадон зылынгæнæг   фарс  та хъусын кæны,  цæмæй  хъуыддаджы  уæвæг  алы  бæлвырдгæнæнтæй,   уый нымæцы   дæсгай  æвдисæндзырдæй бæрæг у,  цæмæй   дыууæ  ахст  æнахъомы  архæйдтытæ  уыдонæн  бавдыст   аххосаг   бæлвырд у.

Хоравайы уынгыл  2017 азы  1-аг декабры  æрцæугæ марындзинады  хъуыддагыл ахст  дыууæ æнахъомы,    къордонæй   барæй марындзинады   зылыныджын  кæнынц.