Æнахъомты марындзинады хъуыддагыл разтæрхонон рабадт сом адарддæр уыдзæн
Тбилисы Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддагыл разтæрхонон рабадт сом 15:00 сахатыл адарддæр уыдзæн. Сом фæбæрæг уыдзæн, тæрхондоны позици фæрсты бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ.
«Зылынгæнæг фарс бавдыста бæлвырдгæнæнтæ, кæцыты æркастис тæрхондон. Дзырдæуы цалдæр бæлвырдгæнæныл, кæцытæ иргъæвæг фарсы хъыдымæ гæсгæ, æнæзакъононæй ист сты, фæлæ уый афтæ нæу. Цæвиттон жэкспертизæйы хатдзæгтæм гæсгæйæ, ист зиæнттæ не сты хъуыддаджы æрмæджытæй. Фæмардуæвджыты зиæнттæ æмбæлынц хъуыддагыл ист бæлвырдгæнæнтимæ. Хæлиу кæны информаци, цæвиттон хъуыддаджы мидæг фæбæрæг ис дыууæйæ фылдæр карды – хъуыддаджы дзырдæуы æрмæст дыууæ карды тыххæй. Уый бæлвырд кæны æндæр бæлвырдæгæнæтæй дæр. Хъуыддагыл снысан ис æндæр æмæ æндæр типы экспертизæ» – банысан кодта хъуыддаджы прокуррор.