Æнахъомты марындзинады хъуыддагыл абон фондз æвдисæны æрфæрсдзысты
Хоравайы уынгыл æрцугæ марындзинады хъуыддагыл паддзахадон зылыныгæнæг фарсы бæлвырдгæнæнты бацахуыр, æнхъæлцау абон фæуыдзæн, цæй фæстæ дæр иргъæвæг фарсы бæлвырдгæнæнты бацахуыр райдайдзæн.
Абоны рабадтыл прокуратурæ æрфæрсдзæн 5 æвдисæны. Сæ нымæцы иуы, ацы хъуыддагыл зылынджын кæнынц фыдракæнды басусæг кæныны æмæ уæвы развæлгъау ахсты.
Афтæдæр æрфæрсдзысты æнахъомты, кæцытæ цауы бынатыл нæ уыдысты, фæлæ æрцæугæ конфликты фæдыл, прокуррор куыд дзуры афтæмæй, уыдис сæм нысаниуæгджын информаци.
Уымæй уæлдай ма, æрфæрсдзысты æвдисæны, кæцы фæцæф кæныны фæстæ цауы бынатмæ бацыд æмæ иуæй-иу фæмардуæвæгы федта.