Æнæнизхъахъхъæды министры фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон вакцинацимæ цæттæ у
Оккупацигонд территоритæй лигъдæтты,фæллойады, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе Тбилисы инфекцион рынчындонмæ фæуазæг ис.
Уагдоны фыццаг уæнг вакцинæйы бавæрыны уавæртимæ бынатыл æрзонгæ ис.
Экатерине Тъикъарадзейы фидиуæнæй, инфекцион рынчындон нырид цæттæ у вакцинæ райсынмæ æмæ процесс райдайынмæ.
Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, вакцинацимæ цæттæдзинады процесс активонæй цæуы, медицинон уагдæттæм. Сæ хъусинагæй, ультрауазал рæхысы домæнтæм æмбæлгæйæ, вакцинацийы процессы уыцы стыр клиникæтæ баиу уыдзысты, кæцытæм ис хæъугæ ресур, куыд пациентты къадатæн æткдæттыны, афтæ æмбæлон ифтонггæрзты цæстæнгасæй. Медицинон уагдонмæ хъуамæ уа барлæвæрд æнæаргъæвгæ медицинон æхуысы æрдгæй, афтæдæр иммунизацийы фæлтæрддзинад æмæ иууыл цъус æртæ бригадæ, афтæма изоляцигонд бацæуæн æмæ вакцинацийы фæстæ фæлæууæн тыгъдад.
Æнæнизхъахъъхæды министрад, Тбилис, Кутаис æмæ Батумы равзæрста дæс медицинон уагдон æмæ фондз резервон клиникæ.
«Нысаниуæгджын у рагхыгъдгонд уа алы детал, цæмæй процесс æдасæй ацæуа куыд медиктæн, афтæ фæстæдæр нæ цæрджытæн. Регуляциты агентады æрдгæй алы клиникæйы лæмбынæг бацахуыр райдыдта» – райхъусын кодта Оккупацигонд территоритæй лигъдæтты,фæллойады, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе.
Министры фидиуæнæй, медицинон æмæ фармацевтон куысты регулиргæнæг агентад ныридæгæн райдыдта фæнысангонд клиникæты басгæрст æмæ сын аргълæвæрд. Уымæй дарддæр ма, нырид райдыдта низты контролы центры бæрæггæнæнты базæйы медицинон персоналы регистраци дæр.