Æнæниздзинады министрад 6-æм декабры протестон митингы рæстæджы зианбаййафджыты уавæры фæдыл информаци парахат кæны
Æнæниздзинады министрад 6-æм декабры протестон митингы рæстæджы зианбаййафджыты уавæры фæдыл информаци парахат кæны

Æнæниздзинады министрад 6-æм декабры протестон митингы рæстæджы зианбаййафджыты уавæры фæдыл информаци парахат кæны.

Уагдоны информацийæ, 6-æм декабры уæлвæткон уавæрты координацион æмæ уæлвæткон æххуысы центры къордтæ протесты 9 хайадисæджы медицинон уагдæттæм аластой.

«Райстой алыгъуызон травмæтæ: риуы æмæ уæллаг уæнгты травмæ, уæллаг уæнгты скъуыдтæ, уæлцъарон травмæ æмæ интоксикаци. Дыууæ пациентæн дарддæр кæнынц хос кæнын клиникæты дохтырты хъусдарды бын. Сæ цардæн тæссаг нæу. Иннæты рафыстой медицинон уагдæттæй.

Протестон митингы алфамбылай мобилизацигонд æрцыдысты уæлвæткон уавæрты координацийы æмæ уæлвæткон æххуысы 20 къорды. Митингы архайджытæн медицинон æххуыс радтой бынаты, рынчындонмæ бахауын сæ нæ бахъуыд. Банысангонд бæрæггæнæнтæм хауы æрмæстдæр уæлвæткон уавæрты координацийы æмæ уæлвæткон æххуысы центры стационармæ бахауæг адæймæгты нымæц» – ис фыст информацийы.