Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы хъусын кæнынц цæмæй, вакцинæ рауадзын, пандемийы кæрон нæ нысан кæны
Европæйы уавæр ноджы фæкарздæр уыдзæн; октябр æмæ ноябры нын мæлынады бæрзонддæр бæрæггæнæнтæ уыдзæн, – уый фæдыл æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы Европæйы регионон директор Ганс Клюгге фехъусын кодта.
«Иудадзыгæй мæм хъуысы: вакцинæ уыдзæн пандемийы кæронгæнæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ нæ уыдзæн. Зонгæ дæр нæ кæнæм вакцина цæрджыты алы къордæн баххуыс уыдзæн æви нæ. Ис нæм нысæнттæ, цæмæй вакцинæ адæймæгты иу къордæн æххуыс у, æрмæст иннæмæн та –нæ. Кæд æмæ æндæр æмæ æндæр вакцинæйы балхæнын бахъæудзæн, уый логиконæй куы райсæм, у катастрофæ.
Пандеми йеуæд фæуыдзæн, мах куыд дзыллæ афтæ куы сахуыр уыдзыстæм пандемиимæ иумæ цæрын. Уый у нæхиуыл баст æмæ у иттæг позитивон сигнал», – райхъусын кодта Клюгге.