Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци - пандемийы дыккаг аз, гæнæн ис фыццагæй вазыгджындæр уа
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы хъусын кæнынц, цæмæй пандемийы дыккаг аз, гæнæн ис, фыццагæй вазыгджындæр уа. Уый фæдыл фидиуæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы уæлвæтк уавæрты департаменты къухдариуæггæнæг Майк Райан сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ у алы бæстæйы цæвиттон бацахуыр кæнын æмæ комбиниргонд ахаст бакусын, цæмæй вирусимæ тох бирæ æнцондæр уа.
«Пандемийы дыккаг аз, гæнæн ис, фыццагæй вазыгджындæр уа, кæд нæ зæрдыл бадардзыстæм вирусы алæвæрды динамикæ æмæ иуæй-иу фактортæ, кæцытæ уынæм. Уый тыххæй фокусиргонд хъуамæ уæм позитивон фарсытыл, хъуамæ нæ цæст æрдарæм уыцы фактортæм, кæцыты бакуыста алы бæстæ æмæ сын уыд фæстиуæг. Стæй ацы зонынад хъуамæ фæхай кæнæм иннæтæндæр. Хъуамæ бацагурæм сегасдæр хуыздæр комбинаци. Бирæ бæстæты улæфтыты периоды фæстæ уавæр фæфыддæрдæр ис. Уый фæдыл зонынц сæхæдæг бæстæты мидæг æмæ ныр фидар кæнынц системæ, цæмæй пациенттæн схос кæнын бафæразой, уымæн æмæ фылдæр цау нысан кæны, цæмæй госпитализаци бахъæудзæн фылдæр пациенты», – райхъусын кодта Райан.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы уæлвæтк уавæрты комитет абон радон фембæлд ауадздзæн, кæцыйыл эксперттæ «Ковид-19»-ы фæдыл фæуынаффæ кæндзысты æмæ рекомендацитæй рацæудзысты. Ахæм фембæлд пандемийцы уавæрты нырид æхсæзæм хатт цæуы.