Ныгуылæйнаг партнертæм хицаугæнæг партийы æрдгæй хъавд, мæтæфтауæг тенденцийы равг исы – уый фæдыл 21 æнæхицауадон организацийы фидиуæны мидæг дзырдæуы.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Гуырдзиаг Бæллиццы сæрдары фидиуæн иунысанонæй у Гуырдзыстоны партнерты æмæ хæлæртты дискредиатцийæн. Æнæхицауадон организациты минæвæрттæ нымайынц, цæмæй уый нæу фыццаг цау, хицаугæнæг партийы лидертæ, æргомæй куы æфхæрынц фæсарæйнаг партнерты, уыдонæй критикон аргълæвæрдтæ куы фехуъсынц бæстæйы цæугæ фæзындты фæдыл.
«Уый бæсты, цæмæй объективон критикæимæ сразы уа æмæ æндæр æмæ æндæр æрдгæй уавæры фæхуыздæр кæныны æрдæм къахдзæфтæ сараза, хицауад фæстаг рæстæджы. Кампанийы формæ дæтты нæ ныгуылæйнаг партнертæм лæбурдтытæн. Хицæн къордтæ æмæ лидертæ нæдæр æфхæрæн тонæй æфсæрмы кæынцн æмæ арæх зылынджын кæнынц бæстæйы мид хъуыддæгтæм хитъыссыны уыдоны, кæцы политикон æ мæ финансон æххуысы у баст Гуырдзыстоны падздахады рæстмæ куыст. Ахæм риторикæйæ, бæстæйæн, кæцыйы цæрджыты фылдæр, рæзынады ныгуылæйнаг векторимæ сты разы, фылдæр зиан ййафынц. Уымæ ма бафты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн ахсджиаг реформæты æмæ ныгуылæны финансон æххуысыл æргомæй нæзагъд ракæнын.
Уæлдæрбанысангонд факттæ иууылдæр, нæ катайы æппарынц. Бæрæг у, цæмæй тенденцийы формæ райста хицауады быцæудзинад ныгуылæйнаг партнертимæ. Бæрæг куыд у афтæмæй, хицаугæнæг парти нæ хъавы бæстæйы демократон процесстæ ауадзын æмæ цæттæ у уымæ, ныгуылæны паддзахадтимæ æмæ политиктимæ ахастытæ фехалын, бæстæйæн та евроатлантикон интеграцийы фæндагыл серьозон проблемæтæ сæвзæрын кæнын.
Гуырдзыстоны цæрджыты æнæфæцудгæ фæнд уыдис æмæ у европаг æмæ евроатлантикон структурæты нæ бæстæйы интеграци. Хъуыды кæнæм, Гуырдзыстоны хицауад, ахæм архæйдтытæй æмæ фимдиуæнтæй, нæ фылдæр дард кæны нæ историон æвзæрстæй» – дзырдæуы 21 æнæхицауадон организацийы фидиуæны.