Æнæхицауадон организациты миæнвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй хицауадимæ æмкуыст кæнын уромынц æмæ æмбæстæгтæм 28 апрелы акцимæ рацæуынмæ сидынц
Къухбафыссæг организацитæ, уромæм æмкуыст кæнын хицауадимæ, цалынмæ хицауад уырыссаг закъон фæстæмæ нæ ситтдзæн; хъусын кæнæм, цæмæй никуы, ницы формæйæ нæ ауадздзыстæм нæхи регистрацийы нæ джелбетт æфхæрæг реестры; нæ сидт алкæмæ, 28 апрелы, хуыцаубоны, 19:00 сахатыл æрымбырд уæм Республикæйы фæзыл, уырыссаг закъоны ныхмæ. Афтæма æмбырдмæ сидæм алкæмæ, кæдæ æмæ снысан уыдзæн дыккаг пленарон каст – уый фæдыл æнæхицауадон организациты иумæйаг фидиуæны дзырдæуы.
«Дзырд асастæй æмæ уырыссаг закъоны ногæй æркæсынæй, бæрæг у, цæмæй хицауад рахыхтис конституцион фæлгæтæй æмæ ивы бæстæйы æддагон къурс. Уый гуырдзиаг адæмы æнæцудгæ барыл гадзрахатдзинад у. Нæ баззади ахæм социалон фæлтæр, профессион æви æхсæнадон къорд, кæцы ивгъуыд бонты хицауадæй не ‘ркуырдта, уырыссаг закъоны фæстæмæ асидын. Ахуыргæндтæ, студенттæ, дохтыртæ, культурæйы æмæ спорты минæвæрттæ, сæндуцджытæ, амалиуæгдæрттæ, фермертæ æмæ æндæр къордтæ абон иумæ слæууыдысты историйы раст фарсæй.
Афтæма, алы æхсæнадæмон партнеры:Евроцæдисы, НАТО-ы, ИНО-йы, Евросоветы æмæ хæлар бæстæты фидиуæнтæй, уырыссаг закъон нæ Евроцæдисæй дард аппардзæн. Уырыссаг закъоны кæсын æмæ райст антиконституцион къахдзæф у, кæцы алы æмбæстагмæ æххæссы, мары гуырдзиаг демократийы æмæ нæ Уæрæсеимæ ныхæй-ныхмæ ныууадздзæн.
Уый тыххæй дæр, мах дзурæм Нæй: А) Хицауады минæвæрттиæ иумæ фембæлдты хайад райстыл; Б) кусæн кхордты æмæ уынаффæгæнджыты советы куыстыл; г) æхсæнадæмон æмæ æндæр кусæн форматты хицауадимæ координацидзинадыл.
Мах кусæм æрмæст адæмы тыххæй. Мах лæггад кæнæм æрмæстдæр адæмæн æмæ адарддæр кæндзыстæм кусын сывæллæтты,. Сылгоймæгты, фæллойгæнджыты, амалхъомдзинад цух уæнгты æмæ æндæр æнæхъахъхъæд къордты бартæ бахъахъъæнынæн.
Растдæр ацы адæмы 80 процент, сæрмагондæй та паддзахадон секторы кусджытæ йæ фарс хæцынц æмæ кусынц, цæмæй Гуырдзыстон суа Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнг. «Картули Оцнеба» та ацы адæмы тыхыбын кæны, сæ фæндоны ныхмæ, хайад райсой 29 апреы плангонд хицауады уырыссаг маршы. Хицауады уырыссаг маршæй хицауад архайы цæмæй нæ ивгъуыдмæ аппара фæстæмæ, нæ фидæн Европæйы куы ис уыцы рæстæджы. Хицауад йæ ныхмæ слæууыд хъæбултæн, фидæны фæлтæртæн, паддзахадон секторы кусджытæн æмæ ацы бæстæйы европаг фидæны фарсхæцæг абсолютон фылдæры хайæн.
Мах – гуырдзиаг адæмы дзуапп та у :
Никуы цæрдзыстæм Путины уагæвæрдмæ гæсгæйæ. Уырыссаг закъон никуы уызæн Гуырдзыстоны адæмы æвзæрст.
О Европæйæн! Нæй Уырыссаг закъонæн!» -дзырдæуы æнæхицауадон организациты фидиуæны.