Æнæхицауадон организацитæ сидынц еврокомиссимæ, «Уæвæг проблемæтæм нæкæсгæ, Гуырдзыстонæн кандидаты статусы алæвæрды рекоменадци раттæнт»
Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнгтæм кандидатдзинады статусы фæдыл Еврокомиссийы рекомендацимæ æнхъæлмæ кæсы, къухбафыссæг гуырдзиаг æнæхицауадон организациты иу кæны иумæйаг мисси, бахъахъхъæнæмæ æмæ давдисæм Гуырдзыстоны æмбæстæгты интерес, бахъахъхъæнæм æмæ æрфидар кæнæм европаг демократон аргъдзинæдтæ – уый фæдыл æнæхицауадон организациты ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, кандидаты статусы райсын, гуырдзиаг адæмы европаг тырынады фæндагыл нысаниуæг размæ къахдзæфæй дарддæр ма, баххуыс уыдзæн гуырдзиаг адæмæн хуыздæр фæтых уа уырыссаг интерестыл Гуырдзыстоны.
«Мах афтæ куыд Гуырдзыстоны æмбæстæгты стыр хайы, æнæцудгæ æвзæрст æмæ цæрынæн ахсджиаг интерес у, Гуырдзыстон бауа Евроцæдисы уæнг бæстæ, кæцыйы алы æмбæстаг цæрдзæн акагæй, сабырадон, хъæздыг, сæрибар æмæ рæстаг паддзахады. Уый тыххæй дæр, куырдтам Гуырдзыстоны хицпупæй Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл куырдиат бахæссын. Гуырдзытсонæн европаг перспективæ банымады бонæй, нæ тыхархайд уыдис уыцы æрдæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад сыххæст кодтаит 12 рекмоендаци, кæцы хъуамæ фæхуыздæр кодтаит Гуырдзыстоны æмбæстæгты уавæр. Абон мах дзæбæх уынæм уыцы зындзинæдтæ, кæцытæ 12 рекомендацийы сыххæстимæ сты баст, фæлæ иу рæстæгонæй, европаг æвзæрст æхсæнады сæйраг тырнынадæй зайы, кæцы æмбæстæгты архайадон солидарондзинадæй иу кæны.
Тох кодтамæ æмæ дардæр кæнæм тох Гуырдзыстоны хуыздæр демократийæн, кæцыйы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ домынц æмæ кæцыйы аккаг сты, æмæ кæцыйы аргъдзинæдтæ абон Евроцæдисы 27 паддзахады иу кæнынц. 2023 азы марты махæн нæ бон баис ссиу кодтаиккам гуырдзиаг дзыллæ «уырыссаг закъоны» ныхмæ, кæцы стыр сис уыдаит Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн. Растдæр ацы тыхархайдæй бантыстис ацы закъоны фæстæмæ аппарын æмæ алкæмæн равдисын, цæмæй Гуырдзиаг адæм фидæны дæр цæттæ у бахъахъхъæна бæстæйы Европаг фидæн. Мах, гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæ, уырнæг стæм, цæмæй кандидаты статусы райст, гуырдзиаг адæмы европаг тырынады фæндагыл нысаниуæг размæ къахдзæфæй дарддæр ма, баххуыс уыдзæн гуырдзиаг адæмæн хуыздæр фæтых уа уырыссаг интерестыл Гуырдзыстоны, уымæн æмæ Фылдæр Евроцæдис нысан кæны цæмæй къаддæр удызæн Уæрæсе.
НÆ сидт нæ бæстæйы иузæрдыг æмæ фидар европаг хæлæрттæм æмæ конкретонæй Евроклмиссимæ, Гуырдзыстоны уæвæг проблемæтæм нææсгæ, 12 приоритеты сыххæстæн объективон аргълæвæрды параллелонæй, лæвæрд нæм уæд рекомендаци, ома 2023 азы декабры Европаг Совет Гуырдзыстонæн, Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статус раттæнт»- дзырдæуы фидиуæны.