ÆМП- имæ  комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты  æрдгæй  Гуырдзыстон, Дунейы  фæндзæм бынат ахсы
ÆМП- имæ комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты æрдгæй Гуырдзыстон, Дунейы фæндзæм бынат ахсы

Æмтгæйон мидпродукты æрдгæй,  комкоммæ фæсарæйнаг  инвестициты хуыздæр бæрæггæнæн кæмæн ис  Дунейы   ахæм 76 бæстæйы æхсæн   Гуырдзыстон  топ фондз бæстæйы æхсæн  ис.  Информаци уый фæдыл  «Араз Гуырдзыстоны»  публикаци кæны.

Æмбæлгæ  рейтингы  дунейы иуæй-иу сегасдæр сахадæг  бизнесмедиа  холдингы «Financial Times»-ы  къорды уæнг, «fDi Intelligence», публикаци кæны «Greenfield FDI Performance index»-ы.

Уыимæ  ацы азы рейтингы  Гуырдзыстон йæ позицитæ  20 бынатæй фæхуыздæр кодта.

Индексмæ гæсгæйæ,  2022 азы  æмтгæйон мидпродуктмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон  проектты нымæцæй   рекордон   рæзт сфиксир кодта æмæ  уæвæг   бæрæггæнæнтæ цыппарывæр скодта.

Банысанкæнинаг у  уый æмæ Гуырдзыстон 2022 азы  рекордонæй  бæрзонд   комкоммæ  фæсарæйнаг  инвестицитæ  æрбаласта  кæцы  2  миллиард АИШ доллары бæрц у.

Greenfield FDI Performance index-ы  Коста Рика у  лидер,  кæцыйы фæстæ лæууынц  Цæгат Македони, Иугонд Арабаг Эмираттæ æмæ Серби. Индексы  Гуырдзыстон йæ фæстæ фæуагъдта ахæм бæстæтæ, цахæмдæр  сты:  Португали, Лиетувæ æмæ Сингапур.