Æмбæстагон змæлд «Бирæнацион Гуырдзыстоны» организацигондæй, президеттæм кандидаттæ фембæлдтæ уадзынц этникон къаддæрæдæрты минæвæрттимæ
Æхсæнадон æмбæстагон змæлд «Бирæнацион Гуырдзыстоны» организацигондæй, президенттæм кандидаттæ фембæлдтæ уадзынц этникъон къаддæрдæртимæ.
ОРганизацийы минæвæрттæ куыд дзурынц афтæмæй, ахæм фембæлдтæн сæ нысан у æвзарæнон порцессты этникон къаддæрдæрты хуыздæр информирдзинад æмæ фылдæр бастдзинад.
Абоны фембæлдыл, Самцхе-ДЖавахеты æмæ Квемо Картлийы кусæг бынæттон æнæхицауадон организациты æмæ медийы минæвæрттæ Давит Бакрадзеимæ, Давит Усупеашвилимæ æмæ Шалва Нателашвилимæ фембæлдзысты æмæ проблемæты кæнæ кандидатты цæстæнгасы фæдыл, ф æтæрхон кæндзысты фарста-дзуаппы режимы.
«Программæйæн йæ нысан у Самцхе-Джавахеты æмæ Квемо Картлийы регионты цæрæг этникон къаддæрдæрты фембæлд президенттæм кандидаттимæ, цæмæй сæ информирдзинад æмвæзад фæбæрзонддæр уа. Ацы форматы президенттæм кандидаттæ бавдисдзысты сæ программæтæ æмæ цæстæнгастæ, æрмæст этникъон къаддæрдæрты минæвæрттæм уыдзæн фадат, фарста-дзуаппы режимы бавдисой сæ регионæн проблемæон фарстатæ. Президенттæм кандидаттæм ис фадат байхъусой сæ проблемæтæм, æвзарæнон программæйы зæ зæрдыл бадарой ацы фарстатæ» – æмбарын кæны Бирæнацион Гуырдзыстоны æвзарæнон программæйы координацигæнæг Ирма Басилашвили, Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы.