Æмбæстагон авиацийы агентад – Гуырдзыстоны хъæддых позици у, цæмæй Гуырдзыстон-Уæрæсейы æхсæн тахтытæ сыххæст уыдзæн, æрмæстдæр авиакомпаниты æмæ хæдтæхджытæй, кæцытæ не сты хаст санкцион номхыгъдтæм
Гуырдзыстоны фидар позици у, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн тахтыты сыххæст уыдзæн æрмæст уыцы авиакомпаниты æмæ уæлдæфон наутæй, кæцытæ санкцион номхыгъдмæ хаст не сты – уый фæдыл Гуырдзыстоны æмбæстагон авиацийы агентады фидиуæны дзырдæуы.
Атæма сæ информацийæ, æмбæстагон авиацийы агентадмæ бацæугæ алы куырдиат, авиакомпаниты бавдыст информаци, кæнæ документаци уыдзæн деталон бацахуыры æмæ æндæр æмæ æндæр механизмæй басгæрсты объект санкциты фæдыл.
«Æмбæстагон авиацийы агентад æххæст кæны уыцы паддзахадтимæ консультацитæ æмæ сæ цæвиттон ахуыр кæны, кæцытæ æххæст кæнынц санкцитæ æмæ иурæстæгонæй сын ис комкоммæ авиазмæлд Уæрæсейы Федерациимæ.
Базонын уын кæндзыстæм, цæмæй абоны уавæрæй, Гуырдзыстоны æмбæстагон авиацийы агентадмæ бавдыст сты цалдæр авиакомпанийы куырдиæттæ Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн регулярон уæлдæфон змæлды сыххæсты фæдыл.
Хаххгондæй хъусын кæнæм, цæмæй æмбæстагон авиацийы агентадмæ бавдыст алы куырдиаты фæдл, уынаффæ хаст уыдзæн æрмæстдæр, авиакомпаниты, кæнæ сæ уæлдæфон науты архайæг статус æхсæнадæмон санкцитæм, кæнæ арæнæвæрдтæм гæсгæ деталонæй куы бацахуыр уыдзæн уый фæстæ æмæ тахты бар уæлдæрбанысангонд принципæй уыдзæн лæвæрд» – банысангонд у фидиуæны.