Æмбæстагон авиацийы агентад - 2022 азы æхсæз мæйы бæрæггæнæнтæй, бæлццæтты къада 69%-æй, æрмæст тахтытæ та 70%-æй сæндидзыд сты
2022 азы æхсæз мæйы бæрæггæнæнтæй, гуырдзыстоны аэропорттæ æмтгæй райсгæйæ балæггад кодтой 1 716 718 бæлццонæн, кæцы 189%-æй фылдæр у 2021 азы аналогион периоды бæлццæттæ нымæцæй. Пандемийы размæ 2019 азы фыццаг æхсæз мæйы бæлццæтты нымæцмæ гæсгæ, бæлццæтты къадайы сæндидзыны бæрæггæнæн 69% ьбæрц у», – уый фæдыл æмбæстагон авиацийы агентад хъусын кæны.
Агентады хъусинагæй, цæугæ азы фыццаг æхсæз мæйы Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт балæггад кодта 1 163 177 бæлццонæн. Рæзт 2021 азы аналогион периодимæ абаргæйæ 166% бæрц у. Уыимæ иумæ, бæлццæтты къадайы фæнысангонд бæрæггæнæнæй, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт 62%-æй æрыздæхтис 2019 азы фиксиргонд бæлццæтты нымæцон бæрæггæнæнимæ.
2022 азы дыууæ кварталы мидæг, Кутаисы æхсæнадæмон аэропорт балæггад кодта 328 386 бæлццонæн. Рæзт 2021 азы аналогион периодимæ абаргæйæ 965%-ы бæрц. 2019 азы фыццаг 6 мæймæ гæсгæйæ та, Кутаисы аэропорты бæлццæтты къада сæндиддзыд 90%-æй.
Батумы аэропортæй спайда кодтой 216 062 бæлццонæн. Рæзт 2021 азы аналогионы периодимæ абаргæйæ, бæлццæтты къада сæндидзыд 87%-æй.
2022 азы ацæугæ 6 мæйы мидæг, бæлццæтты нымæцмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны авиацион базарыл лидер у «Turkish Airlines». Авиакормпани базары 13%-он хай ахсы æмæ 226 719 бæлццоны аласта. Ахæм процентон хайы *13%) дыккаг бынатыл ис ныллæгбюджетон авиакомпани «Wizz Air» = 226 000 бæлццонимæ.
Фыццаг июлы уавæрæй, Гуырдзыстоны аэропортты 40 авиакомпани 74 æрдæмадæй архайынц.