Бокъериайы парти уыцы фембæлдтæм цæуы æрмæст уый тыххæй, цæмæй æддæмæ рахæсса деталтæ. Фæныхас кæна, сызмæнта, саботаж кæнынц, цæмæй фæкъуыхцы кæной алцыппæт, уымæн æмæ парламентмæ нæ бахаудысты Бокъериа æмæ Угулава – уый фæдыл «Æмбæстæгты» лидер, Алеко Элисашвили загъта сæрмагонд фейсбук-лайвы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Европаг Гуырдзыстонæн» сæ нысан у, алцыппæт фехалын.
Элисашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, минæвæртты æркуырдæй нæ ныхас кæны бадзырдты цыдыл, уымæн æмæ минæвæрттæ нымайынц, цæмæй гæнæн ис процесс базиан уа æмæ разыдзинадмæ мауал æрцæуæм.
«Æз дзырд дæттын, процессы æмзæрдæ дæн æндæр партитæй хъауджы. Бокъериайы парти парти уыцы фембæлдтæм цæуы æрмæст уый тыххæй, цæмæй æддæмæ рахæсса деталтæ. Фæныхас кæна, сызмæнта, саботаж кæнынц, цæмæй фæкъуыхцы кæной алцыппæт, уымæн æмæ парламентмæ нæ бахаудысты Бокъериа æмæ Угулава. Уый тыххæй сæ фæнды алцыппæт сызмæнтын. Фæхуыдинаг сты сæ иу Зугдиды, иннæ та –Потийы. Ацыд Никъо Никъоладзейау Бокъериа Потимæ æмæ 6% райста, цæй æнхъæл уыдис цы йын рауадаит. Ныр сæ фæнды алцыппæт сызмæнтын æмæ фæкъуыхцы кæнын. Мæн та уый нæ фæнды» – райхъусын кодта Элисашвили.