Æхсæнадон Телеуынынады финансдзинады фæткъы ивды фæдыл роман Гоциридзейы закъонопроектæн финансон-бюджетон комитет йæ фарс нæ рахæцыд
Парламенты финансон-бюджетон комитетыл оппозиционер депутаты, Роман Гоциридзейы æрцæттæгонд законопроект фæкъуыхцы ис, кæцы æхсæнадон телеуынынады финансдзинады æгъдаумæ æххæссы.
Комитеты абоны рабадтыл, Роман Гоциридзе закъонопроекты фыццаг кастæй бавдыста æмæ загхта цæмæй фæнысангонд ивындзинад ахъаз уыдзæн Æхсæнадон Телеуынынады бирæ хуыздæр райтынгæн.
Æнæкæсгæ уымæ цæмæй комитет Гоциридзейы инициативæйæн йæ фарс нæ рахæцыд, законопроекты фыццаг кастæй пленарон рабадтмæ уæддæр рахæсдзысты, фæлæ комитеты æппæрццаг хатдзæгæй.
Роман Гоциридзейы закондæттæн инициативæмæ гæсгæ, Æхсæнадон Телеуынынадæн бюджетæй рауæлдай кæнинаг суммæйы бæрц хъуамæ фæбæрæг уа хардзгæнæг уагдоны бавдыст проекты бындурыл. Фæмацы уыдзæн телеуынынады финансдзинады бæрцы минималон процентон арæн.
Законопроектмæ гæсгæйæ, фæмацы уыдзæн «Телеуынынады фæдыл» закъоны архайæг норма, кæцымæ гæсгæ дæр, Æхсæнадон Телеуынынады финансдзинады бæрц, бæрæг кæны Гуырдзыстоны паддзахады раззаг азы æмткæйы мид продукты æнæхъадджын 0,14 процентæй.