Евроцæдисы, æхсæнадæмон организациты æмæ уыцы бæстæты тырысатæ базиан кæныны тыххæй, кæцытимæ Гуырдзыстонæн дипломатон ахастытæ ис, хцайæ санкцитæ сфидар кæндзысты

13:11, 21.07.2021

Паддзахадон уагдæты цур фæйлауæг  Евроцæдисы, Евроцæдисы бæстæты,  æхсæнадæмон  организациты  æмæ уыцы  бæстæты  тырысатæ базиан кæныны тыххæй,   кæцытимæ Гуырдзыстонæн ис дипломатон ахастытæ,  хцайæ санкцитæ сфидар уыдзысты.

Æмбæлгæ  закондæттæн ивддзинæдтæ нырид цæттæ сты, кæцыты  абон парламенты сæрдар  Каха Кучъава оппозицион  фракциты лидертæн базонын кодта.

Законопроекты фыццагон версимæ гæсгæйæ,  тырыса базиан кæнынæн  1000 ларийы бæрц ивар  уыдзæн.  Кæд ма  гоймаг  фæнысангонд  архайд фæлхатгæ ракæна,  уæд тæрхонгæнæгмæ уыдзæн дискредитаци  администрацион ахстæй æфхæрд  стæрхон кæнын. Законопроекеты  бавдисын план кæны  уæлрадон сесситы  рабадтыты форматы.

Хуыздæр