«Æхсæнадæмон Рухсдзыд-Гуырдзыстон» - Ираклий Шотадзе, йæхимæ хъуамæ райса политикон бæрн æмæ йæ куыстæй йæхи суæгъд кæна
Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддагыл уагъд фæдæвзарæн архæйдтытæ ноджы иу бæлвырдгæнæн у уыйы, цæмй прокуратурæ нæ бахъом ис, дзыллæмæ цы фарстатæ фæзынд уыдонæн уырнинаг дзуапп раттын – уый фæдыл банысангонд у æнæхицауадон организаци «Æхсæнадæмон Рухсдзыд-Гуырдзыстон» -ы ахæлиугонд фидиуæны.
Организацийы хъусн кæнынц, цæмæй сæйраг прокуррор, Ираклий Шотадзе йæхимæ хъуамæ райса политикъон бæрн æмæ йæ постæй йæхи суæгъд кæна.
«Дзуапп дæттæм Хоравайы уынгыл дыууæ æвзонгы марындзинады хъуыддажы алыварс цæугæ фæзындтæм.НÆ хъуыдымæ гæсгæ хъуыддаджы фæдыл уагъд фæдæвзарæн мадзæлттæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой уый, æмæ прокуратурæ нæ бахъом ис, хъуыддагыл æнæмбæлон æндæвдады уæвыны фæдыл, джзыллæмæ уæвæг фарстатæн уырнинаг дзуапп раттын. Тæрхондон хъуыддагыл цы тæрхоныскуыд рахаста уымæй бæрæг у, цæмæй зылынгæнæг фарс нæ бахъом ис хъуыддаджы æххæстаргъджын равзарын.
Азты дæргъы дзыллæйы æхсн ис бирæ фарстатæ резонансон хъуыддæгты объективонæй æмæ æнæххæстаргъджын равзарыны фæдыл, кæцы прокуратурæйы æрдæм æууæнкы фæкаддæры аххос ссис. Ацы рæстæджы прокуратурæ æрбайсæфта дзыллæйы æууæнк, æрмæст уагдоны абоны къухдариуæгад та ну ацы æууæнкы æрыздахыны хъом. Ахæм уавæры, сæйраг прокуррор Ираклий Шотадзе, йæхимæ хъуамæ райса политикон бæрн æмæ йæ куыстæй йæхи суæгъд кæны» – дзырдæуы организацийы ахæлиугонд фидиуæны.