Æхсæнадæмон эксперттæ НАТО-мæ æрсидтысты Гуырдзыстон æмæ Украинайæн амалуæвгæйæ тагъд ратта, альянсы уæнгсуæвыны архайадон план
Æхсæнадæмон эксперттæ НАТО-мæ æрсидтысты Гуырдзыстон æмæ Украинайæн уæнгсуæвынæн архайадон план (МАР) амалуæвгæйæ тагъд раттой.
Уый фæдыл информацийы Украинаг медиа хъусын кæны.
Резолюцийы, кæцыйы райстой Львовы æхсæнадæмон форумы фæстаг бон, дзырдæуы цæмæй «НАТО-мæ амалуæвгæйæ тагъд хъуамæ бавдисой Гуырдзыстон æмæ Украинайы уæнгæй суæвыны реалистон архайадон план, 2008 азы Бухаресты саммитыл райст уынаффæмæ æмбæлгæйæ».
Эксперттæ ноджы иу хатт бахахх кодтой транс-атлантикон æдасдзинадæн Сау Денджызы регионы нысаниуæг, æрмæст Уæрæсейы æрдгæй æнхъæлмæкæсинаг агресси сæйраг тасæй схуыдтой.
Резолюцийы афтæдæр дзырдæуы, цæмæй Уæрæсе рæзын кæны æфсæддон минæварад Хуссар Кавказы,кæцы Уæрæсе сæххæст кодта Уæлхох Карабахы конфликты фæстиуæгæн, æрмæст Сау Денджыз скæндзæн плацдармæй Æввахс Скæсæны æфсæддон операцитæ ауадзынæн, кæцы сæ ныхæстæм гæсгæ, Хъырымы оккупацийы фæстиуæгæн ссис гæнæн.
Экперттæ дызæрдыг кæнынц, цæмæй регионмæ НАТО-ы стратегийы аипп æвзæрын кæны вакуум, кæцыйы баххæст кæнын Уæрæсейæн æнцонтæй æнтысы.
Афтæма сæ ныхæстæм гæсгæ, НАТО-ы зæгъгæ фæнды бакуса иугонд план хуссар-скæсæн фланг стынг кæнынæн, кæцымæ хауынц Балтигæрон, Сау Денджыз æмæ Зæххастæу Денджыз.
Эксперттæ НАТО-æн амонынц конкретон къахдзæфтæ саразын. Сæ нымæцы, оккупацигонд Хъырымæй наутæн, Европæйы æмæ Ныгуылæйнаг бæстæты алы порттæм бацыд хъуамæ фæтобæ кæной, Сау Денджызы иудадзыгæй хъуамæ уа дислоциргонд немыцаг æмæ америкаг наутæ. Регионы афтæдæр хъуамæ уа ахуырадон базæ, кæцыйыл Сау Денджызы регионы бæстæты æмæ НАТО-йы уæнг падзахадты æфсæддæттæ регулярон ахуыртæ уадздзысты.
Резолюциимæ сразы сты 17 эксперты. Сæ нымæцы уыд америкаг инæлар Бен Ходжес, НАТО-йы генералоннымæрдары раздæры хæдивæг Александр Вершбоу æмæ Украинайы æфсæддон денджызон тыхты раздæры сæргълæууæг адмирал Игорь Воронченко.