Æфтиæгты куыст санкциргонд уæзты змæлды контролы фæдыл фидиуæн публикаци кæны
Гуырдзыстоны финансты министрады æфтиæгты куыст санкциргонд уæргъты змæлды контролы фæдыл иуæй-иу медиайы сюжетæн дзуапп кæны.
Æфтиæгты куысты хъусын кæнынц, цæмæй санкциргонд продукцийы карз контролы фæлгæтты, таможнæйы департамент, уæлæмхасæй сарызта ног таможнæты рискыты фæткдæттæг профилтæ уыцы продукцийыл, кæцытæ хаст сты санкциты номхыгъдмæ.
Уыимæ уагдоны хъусинагæй, балвырд кæныны фæстиуæгæн, æхсæнадæмон санкцитæ, сюжеты банысангонд компанийыл (Мироторг) уæргътыл æмæ йæ хицауыл нæ хæлиу кæнынц. Финансты министрады æфтиæгты куыст сиды алкæмæ, сæхи бауромæт бæстæйы уаргъты змæлды контролы фæдыл æнæбындур информаци хæлиукæнынæй.
«Æфтиæгты куысты æмбарын кæнынц, ома сакциргонд продукцийы карз контролы фæлгæтты, таможнæты департамент уæлæмхасæй сарызта ног таможнæты рискыты фæткдæттæг профилтæ алы уыцы продукцийыл, кæцы хаст у санкциты номхыгъдмæ.
Уыимæ, сæрмагонд контролы дæлбар у Евроцæдисы бæстæтæй, АИШ-æй, Стыр Британийæ æмæ санкциты хайадисæг æндæр бæстæтæй æрцæугæ кæнæ ацы бæстæты уагъд сертификат, цæмæн ис уыцы санкцион базайраджы импорт/реекспорт Уæрæсемæ кæнæ æндæр бæстæмæ æмæ иннæрдæм дæр афтæ. Афтæма карз контрол цæуы Гуырдзыстонмæ импортиргонд санкциргонд базайраджы экспоррты цаутæ дæр, цæмæй уырыссаг кæнæ æндæр санкциргонд базайраг ма фæхæццæ уа санкциты хайадисæг бæстæтæм, кæнæ фæстæмæ», – дзырдæуы ахæлиугонд фидиуæны.