Æфтиæгты куыст – ауадзæн пункт «Хъазбег» æнæкуылымпыйæ кусы, фæстаг дæс боны бæрæггæнæнтæй, æрбацæуæг æмæ ацæуæг уæнгты æхсæн æваст хъауджыдæрдзинад/фæфылдæр нæ фæбæрæги
Гуырдзыстоны таможнæйы территориймæ базайраджы æрбаласын/аласын, автотранспортон фæрæзты дыууæрдæм змæлд, афтæма паддзахадон арæныл ахизæг уæнгты таможнæйы контролы процедурæтæ цæуынц æххæстæй, 24 сахатон режимы, æнæкуылымпыйæ – уый фæдыл финансты министрады æфтиæгты куысты хъусын кæнынц.
«Афтæма банысан кæнæм,ц æмæй фæстаг дæс боны бæрæггæнæнтæй, Гуырдызстоны паддзахадон арæныл рахизæг æмæ ахизæг уæнгты æхсæт æваст хъауджыдзинад/фæфылдæр нæ фæбæрæги.
Финансты министрады æфтиæгты куыст сиды медиафæрæзтæм, сæхи бауромæт мæнг æмæ æнæбæлвырд информаци ахæлиуæй» – хъусын кæнынц уагдоны.