Æфстаудæттджытæн фæтобæ уыдзæн пайдагæнджытæй цъындыйы æвæрд мулкæй уæлдай, æндæр мулкы æрдомын – фондз принцип уæлдайджын хæсты фæкъаддæр кæнынæн
Гуырдзыстоны финансты министр, Мамука Бахтадзе хицауады абоны рабадтыл уæлдайджын хæсты фæкъаддæр кæнынмæ гæсгæ закъондæттæн ивындзинæдты пакет бавдыста, кæцы фондз сæйраг ардæмадмæ æххæссы.
Рабадты фæуды фæстæ Мамука Бахтадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, ног закъондæттæн инициативæтæ бындурæвæрд цæуынц фондщз принципыл.
«Гуырдзыстоны цæрджытæн баныфсвæрдтон, цæмæй банкъон –финансон секторы æрфидар кодтаин ног, рæстаг хъазты фæткъойтæ. Абон уын бавдисдзынæн фондз сæйраг принципы, кæцытыл æнцоæвæрд у нæ инициативæ:
Алы æфтсакудæттæгæн фæтобæ уыдзæн пайдагæнæгæй цъындыйы æвæрд мулкæй уæлдай, æндæр мулк æрдомын;
Ломбардтæн æмæ хицæн æфстаудæтджытæн – а.х. æфстаудæтджытæн фтæобæ уыдзæн хæдтулгæты æмæ æнæзмæлгæ мулкъы цъындымæ райсын;
Эффектон процентон хайады максималон арæн уагæвæрд æрцæудзæн 50 проценты бæрцæй, кæцы дыууæ хатты къаддæр у абон архайæг 100 процентæй» – райхъксын кодта Бахтадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, цыппæрæм принципæй æмбæлгæйæ, «абон архайæг æнæбæрнон æмæ æнæраст иварты системæ» фæмацы уыдзæн, æмæ алы æфстаудæттæгæн фæтобæ уыдзæн ивары нымайын, кредиты æппæт бæрцуаты процентæй.
«Сеппæтæй ахсджиангдæр принцип та у, уый æмæ, фæнысангонд фæткъойтæ бандавдзысты алкæмæ, æппæт финансон сектормæ. Ам нымадмæ ист цæуынц банкъытæ, микрофинансон организацитæ, ломбартæ æмæ хисæрмагонд æфстаудæтджытæ дæр, алчидæр чидæриддæр баст у финансон куысты» – райзхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæма, Мамука Бахтадзейы фидиуæнæй, фæнысангонд инициативæйы æрдæм, бæрзонд интересы зæрдыл даргæйæ 29 майы презентаци ауадздзæн, кæцыйыл æрнымадгонд принципты тыххæй деталонæй фæныхас кæндзæн.