Æддагполитикон уагдон сиды æхсæнадæмон æмгарадмæ, мбæлгæ аргъ скæнæд Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны суверенитеты, территорион æнæхъæндзинад агайынмæ арызт радон æнæзакъонон къахдзæф
Абхазы оккупацион режимы а.х. парламенты æрдгæй Уæрæсейы Федерацийæн Бичъвинтайы дачæйы алæвæрды фæдыл а.х. бадзырды ратификаци у радон æнæзакъонон архайд æмæ Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны æнæдихаг регионты оккупацийы политикæйы дарддæрдзу, кæцы гуырымыхъхъ халы æхсæнадæмон барады фундаментон принциптæ – уый фæдыл фæсраæн хъуыддæгты министрады райхъусын кодтой.
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты минысрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, æхсæнадæмон барадон цæстæнгасæй, цыфæнды ахæм хуызы а.х. бадзырдæн юридикон тых нæй æмæ у мæнг.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады райхъусын кодтой, цæмæй Абхазы регионы оккупацийы уавæрты территорийы алæвæрдыл бафыст а.х. бадзырдæн нæ уыдзæн исты барадон фæстиуæг.
«Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды æхсæнадæмон æмгарадмæ, æмбæлгæ реакци скæнæд Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинад агайыны æрдæм радон æнæзакъонон къахдзæф. Фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, цыт кæнæд Гуырдзысотны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ сыххæст кæнæд йæхимæ цы æхсæнадæмон хæстæ райста, уыдон, сæ нымæцы Евроцæдисы æхсæны бацыдæй æвæрд 2008 аы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырд» – хъусын кæнынц уагдоны.