Æддагполитикон уагдон - 2021 азы АИШ-ы националон хъахъхъæнынады авторизацийы законопроекты Гуырдзыстоны нымад цæуы АИШ-ы аргъджын партнерыл
АИШ-ы минæвæртты палатæ сфидар кодта 21 июлы 2021 азы АИШ-ы националон хъахъхъæнынады авторизацийы закъонопроект (NDAA), кæцыйы хицæн сæр нывонд у АИШ-Гуырдзыстоны æмкуысткæнынадæн (SEC. 1244. SENSE OF CONGRESS ON SUPPORT FOR GEORGIA), кæцы амоны Гуырдзыстоны нысаниуæгджын ролы тыххæй Европæйы æдасдзинады контексты – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, афтæ куыд Европаг æдасдзинады хай, Гуырдзыстоны нымад цæуы АИШ-ы аргъджын партнерыл.
«Дркумент ноджы иу хатт бæлвырд кæны АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн стратегион партнерады фæфидар кæнынмæ æмзæрдæ ахаст. Конкретонæй та, æнцой дары Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты æнæбанымады политикæйæн. Афтæма хахх кæны Уæрæсейы агрессийы ныхмæ хъæддыхдзинад фæтынг кæныны æмæ уромынхъомад фæтынг кæнынæн, леталон æмæ æнæлеталон фæрæзтæй Гуырдзыстонæн æххуысы æмæ регионы стабилондзинады нысаниуæг.
Фæнысангонд хæслæвæрдтæ сæххæстæн, документмæ гæсгæ, минæварадон палатæ, нысанæмрастыл банымадта иргъæфы фадæттæ фæтынг кæнын æмæ цæттæдзинадæн къухаразын, НАТО-йы тыхтимæ æмбæлондзинад фæхуыздæры æрдæм, Гуырдзыстоны æмæ Сау денджызы регионон партнертимæ æмгуыстад æмæ бастдзинад фæтыннг кæнын» – дзырдæуы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Уагдоны райхæлдтой, цæмæй зæгъгæ документмæ гæсгæйæ, акт скусын кæнынæй 180 боны дæргъы, АИШ-ы паддзахадон нымæрдармæ, хъахъхъæнынады нымæрдаримæ координацигондæй, лæвæрд цæуы хæс, Конгрессмæ бавдиса хыгъдлæвæрд, Гуырдзыстоны (афтæма Украинайы, Молдовæ æмæ Азербайджаны) тыхбын бынативгæ уæнгты статусы фæдыл, уый нымæцы, информаци фæнысангонд бæстæты оккупацийæ скуыд территоритыл æцæгæлон тыхтæ цы адæмы амардтой уыдоны нымæцы фæдыл. Атæма акты скусын кæныны моментæй 180 боны дæргъы, АИШ-ы паддзахадон нымæрдарæн бахæс кодтой, АИШ-ы æндæр æмбæлгæ уагдæттимæ координацигондæй, бавдиса Конгрессмæ хыгъдлæвæрд, кæцыйы уыдзæн информаци АИШ-ы æрдгæй НАТО-йы ахсджиаг партнертæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн экономикон кæнæ уый æнгæс æндæр æххуысы фæдыл. Афтæма, фæнысангонд закъоны скуыстæй уæлдæрбанысангонд æмгъуыдты, паддзахадон нымæрдар Конгрессы æмбæлгæ комитетæн хъуамæ бавдиса хыгъдлæвæрд, демокративон институтты фæтынг кæныны, закъоны сæйрагдзинад сфидаркæныны æмæ алы уыцы æрдæмады тыххæй, кæцы æмбæлон у хыгъдлæвæрды мидисимæ.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады аргълæвæрдæй, фæнысангонд документ ноджы иу хатт бæлвырд кæны цæмæй Гуырдзыстонимæ баст фарстатæ – АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерад фæарфдæры æмæ бæстæйы иргъæфы фадæттæ фæтыхджын кæнын, сæ нымæцы уырыссаг агрессий уромыны контексты æмæ регионалон æдасдзинады фарстатæ, традиционæй лæууынц АИШ-ы политикон бонвæткы.
«Нысаниуæгджын у, цæмæй хъахъхъæнынады æмæ ææдасдзинады æрдгæй æмгуыстад дыууæ бæстæйы ахастыты сæрмагонд бынат ахсы, кæцы фидар у куыд Конгрессы æххуысæй, афтæ АИШ-ы æххæстгæнæг хицауады арызт конкретон къахдзæфтæй» – банысангонд у Гуырдзыстоны Фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд информацийы.