Адвокаты информацийæ, Уча Абашидзейы централон криминалон пъæлицæй хайадмæ аластой
Адвокаты информацийæ, Уча Абашидзейы централон криминалон пъæлицæй хайадмæ аластой

Блогер Уча Абашидзе, кæцыйы хæдзары барадхъахъъхæнджытæ цалдæр сахаты  дæргъы  куыстой,  барадхъахъæнджытæ  пъæлицæйы  хайадмæ аластой.

Адвокаты информацийæ, Абашидзе  ахст у.

«Уча Абашидзе официалонæй ахст у.  Ацы этапыл  æй  зылынджын кæнынц  хæцæнгарзы æнæзакъононæй  балхæд -бавæрыны.  Махæн  куыд райхъусын кодтой афтæмæй, уымæн  алыгъуызон æхсæнгарз  у закъононæй  регистрацигонд. Уый ма нын афтæдæр загхта, цæмæй йæ хæдзарæй  цыдæр дзуама рахастой, æндæр уатæй, кæцыйы  уый нæ уыдис, æмæ кæцыты  уый никуы федта.  Махæн, адвокаттæн нæ уыдис фадат   ацы процессмæ  æххæстаргъджынæй дардтаиккам цæст» –  райхъусын кодта адвокат Ана Гахокидзе.

Афтæма йæ  дзырдæй, Абашидзейы, Ортачъалайы, централон криминалон пъæлицæйы  хайадмæ аластой.

Бынатыл Уча Абашидзейы фарсхæцынæн, æмбæстæгтæ  уыдысты æмбырдæй, кæцытæ ацы рæстæгмæ цыдæй  араст сты Руставелийы проспекты æрдæм.