Адвокат – Вепхвия Бакрадзе лæгмардзинады фактыл сæтты фæлæ фæуæззаугонд тыгъдады нæйы

Вепхвия Бакрадзе лæгмардзинады фактыл  сæтты фæлæ фæуæззаугонд тыгъдады нæйы.

Барновы уынгыл æрыгон сылгоймагы лæгмарды аххосджыны æфхæрды фæдыл тæрхондон сом фæуынаффæ кæндзæн.

Процесс горæттон тæрхондоны 17-æм апрелы 13:00 сахатыл райдыта.

Лæгмард Тбилисы, Барновы уынгыл, 13-æм апрелы æрцыд. Раздæрон мады лæг æрыгон сылгоймагы чысыл сабиты цæсты раз амардта. Аххосджын Вепхвия Бакрадзе 14-æм апрелы æрцахстой.

Мидхъуыдтæгты министрады информацийæ , Бакрадзе раздæр бинонты æхсæн тыхмийы аххосагæй у ахст æмæ уый президент батæригъæд кодта æмæ цалдæр мæйы размæ æссæрибар ис.