Адам Кинзингер – куыд зыны афтæмæй, Уæрæсе Украинайы куы фегад уыдзæн, уæд гæнæн ис æхст райдайа Уæрæсейы оккупацигонд зæххытыл Раттут HIMARS Гуырдзыстонæн
Америкаг конгрессмен Адам Кинзингер Гуырдзыстонæн «HIMARS»-ы артиллерион ракетон системæ раттын домы.
Уый фæдыл конгрессмен Кинзингер фыссы социалон хызаг «Твиттеры».
«Уæрæсе оккупаци скодта Гуырдзыстоны æртыккæгæм хай. «Гуырдзиаг Легион» Украинайы сæрыл хæцы… бæрæг куыд у афтæмæй, Уæрæсе Украинайы куы фегад уыдзæн, уæд гæнæн ис æхст райдайа Уæрæсейы оккупацигонд зæххытыл. Раттут HIMARS Гуырдзыстонæн!» – фыссы Конгрессы минæвæртты палатæйы уæнг Адам Кинзингер.