Адам Кинзингер - Арфæ кæнын Гуырдзыстонæн! Дард фæндаг рацыд фæлæ хъуыддаг уый аккаг уыд
Арфæ кæнын Гуырдзыстонæн, дард фæндаг уыдис, фæлæ æнтыстджынæй фæцис – америкаг конгрессмен Адам Кинзингер Гуырдзыстоны конституцион ивддзинæдты фыццаг кастæй райсты фæдыл «Твиттеры» ракой кодта.
«Арфæ кæнын Гуырдзыстонæн! Дард фæндаг рацыд фæлæ хъуыддаг уый аккаг уыд! Премьер-министр Гахариайæн, парламенты спикер Талакъвадзейæн, оппозицийы лидлертæн æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн! Уæ фарсмæ дæн! – фыссы Кинзингер.
136 хъæлæсæй фондзы ныхмæ, парламент æвзарæнон системæ ивды нысанæн бакуыст конституцион ивддзинæдтæ, сфидар кодта фыццаг хъусынæй. Хъæлæскæнынады хайад райстой хæдбар депутаттæ æмæ оппозицион фракцитæ, «Националон Змæлдæй» цух.