Адам Кинзингер – Арфæ кæнын Гуырдзыстонæн! Дард фæндаг рацыд фæлæ хъуыддаг уый аккаг уыд
Арфæ кæнын Гуырдзыстонæн, дард фæндаг уыдис, фæлæ æнтыстджынæй фæцис – америкаг конгрессмен Адам Кинзингер Гуырдзыстоны конституцион ивддзинæдты фыццаг кастæй райсты фæдыл «Твиттеры» ракой кодта.
«Арфæ кæнын Гуырдзыстонæн! Дард фæндаг рацыд фæлæ хъуыддаг уый аккаг уыд! Премьер-министр Гахариайæн, парламенты спикер Талакъвадзейæн, оппозицийы лидлертæн æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн! Уæ фарсмæ дæн! – фыссы Кинзингер.
136 хъæлæсæй фондзы ныхмæ, парламент æвзарæнон системæ ивды нысанæн бакуыст конституцион ивддзинæдтæ, сфидар кодта фыццаг хъусынæй. Хъæлæскæнынады хайад райстой хæдбар депутаттæ æмæ оппозицион фракцитæ, «Националон Змæлдæй» цух.
Congratulations Georgia! A long road, but well worth it. To PM Gakharia, Speaker Talakvidze, leaders of the Opposition, and the citizens of Georgia, we stand with you!
Georgian Parliament Endorses Constitutional Amendments in First Reading https://t.co/D3eqnb4Wd5 via @CivilGe
— Adam Kinzinger (@RepKinzinger) June 21, 2020