Адæмон хъахъхъæнæг - сидæм парламентмæ, цæмæй закъондæттæн пакетмæ тагъд ма æркæсой, æмæ ивæндзинæдтæм æркæсой Гуырдзыстоны регламентæй снысангонд иумæйаг процедурæмæ гæсгæ
Гуырдзыстоны парламент цалдæр закъондæттæн актмæ ивæндзинæдтыл фæтагъддæргондæй æруынаффæ кодта ацы къуыри. Сæрмагондæй, ивæндзинæдтæм хауынц: Гуырдзыстоны æмбырдтæ æмæ манифестациты фæдыл закъон; Гуырдзыстоны административон фæткхалды кодекс, Гуырдзыстоны уголовон кодекс æмæ полицийы фæдыл Гуырдзыстоны закъон, – уый фæдыл ис фыст адæмон хъахъæнæгы пресс-куыстуаты рапарахатгонд фидиуæны.
Хъусынгæнинаджы банысангонд у, цæмæй бавдыст закъондæттæн ивæндзинæдтæ хауынц ахæм ахсджиаг фарстатæм, куыд æмбырдты æмæ демонстрациты хайадисджытæн алыгъуызон тобæтæ снысан кæнын, уыцы нымæцы æмбырды бынат, атрибуттæ æмæ формæйы тыххæй; Мидхъуыддæгты министрадæн раттын къорд æххæстбартæ æмбырдтæ тобæ кæнынæн кæнæ сæ скусын кæнынæн.
Административон барадхæлдтыты кодексмæ ивддзинæдтæ фæбæрзонддæр кæндзысты бæрндзинад къорд хæлдтыты тыххæй, афтæ ма тæрхондоны хъуыддæгтæ æркæсыны рæстæджы административон барадхæлдтыты хъуыддæгты æркæсыны фæткмæ ивддзинæдтæ æмæ процессуалон гарантитæ». Санкциты фæкарздæр кæнынимæ иумæ, паддзахадон хицауиуæгады минæвæртты ныхмæ æфхæрæн митæ саразыны тыххæй бæрндзинадмæ æфтауынц куыд уголовон, афтæ административон æгъдауæй æфхæрæн архайдтытæ дæр.