Адæмон хъахъхъæнæг - барадхъахъхъæнджытæ закъондæттынады фæлгæттæй дарддæр ма хъуамæ ахизой
Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг дзуапп дæтты протестон акцитæн, кæцытæ Тбилисы 24-æм ноябры плангонд сты.
Хъахъхъæнæджы аппараты рапарахатгонд фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, барадхъахъхъæнæг органтæ сæ æххæстбартæ æххæст кæнгæйæ, закъондæттынады фæлгæттæй ма хъуамæ ахизой, уыцы-иу рæстæджы æхсæнадон хъахъхъæнæг сиды митингы организатортæм æмæ хайадисджытæм, цæмæй сабырадон æмбырды æмвæзадæй ахизын.
«Сабырадон æмбырды æмæ демонстрацийы бар у адæймаджы фундаменталон бар, кæцы хъахъхъæд цæуы Гуырдзыстоны конституцийæ æмæ къорд æхсæнадæмон документæй.
Барадхъахъхъæнæг органтæ, сæ бартæ æххæст кæнгæйæ, закъондæттынады фæлгæттæй дарддæр ма хъуамæ цæуой, æмбырды сабырадон архайджыты ныхмæ тыхæй ма пайда кæной, митингы архайджыты ма хъыгдарой конституцийы гарантигонд бартæй пайда кæнын.
Закъонæй нысангонд цыфæнды цауы дæр, куы бахъæуа, уæд протестгæнæгæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа æмбæлон рæстæг, цæмæй æххæст кæна пъæлицæйы закъонон курдиат.
Барадхъахъхъæнæг органты кусджыты æрдыгæй тыхæй кæнæ сæрмагонд фæрæзтæй цыфæнды пайда кæнын дæр хъуамæ æххæст кæна æнæмæнгхъæуындзинад æмæ пропорционалондзинады карз фæлварæн, æмæ сæрмагонд фæрæзтæй цыфæнды пайдайы размæ дæр хъуамæ уа фæдзæхст.
Ахсджиаг у, цæмæй æмбырдты рæстæг журналистты архайд ма хъыгдарой æмæ сæ æдасдзинад сифтонг кæной. Уыимæ иумæ æхсæнадон хъахъхъæнæг сиды митингы организатортæм æмæ хайадисджытæм, цæмæй сабырадон æмбырды фæлгæттæй дарддæр ма ахизой.
Адæмон хъахъæнæджы æууæнкджынтæ сæ барты фæлгæтты архæйдтыты цыдмæ сæ цæст дардзысты æмæ куы бахъæуа, уæд æмбæлонæй дзуапп ратдзысты», – ис фыст расидæны.