Адæймаджы бартæм цæстдарæг центр – Сирийы хæст райдаыны фæстæ 511 000 адæймаг фæмард

Сирийы  хæст райдаыны фæстæ  511 000 адæймаг  фæмард –  уый фæдыл  Информацийы  хæлиу кæны Сирийы адæймаджы  барты сцæстдарæг  центр, кæцы  архайы Британийы.

Уæвæг хъусинагæй,  идентифициргонд  сты 350 000 адæймаг,   иннæ  цауты,  марындзинады  фактытæ сбæлврд сты,  фæлæ фæмардуæвджыты нæмттæ  бæрæг не сты.

Цæстдарæг центры дзурынц, цæмæй  фæмардуæвджыты  85%  сабырадон  цæрджытæ сты,  кæцытæ  Сирийы  хицауадон æфсады  æмæ йæ  æмцæдисонты  операцийы амæттаг фесты. Масштабон  протестон  рацыдты  фæстæ Сирийы  мидхæст 2011 азы  15 марты  райдыдта.  Фæстæдæр та, хæстмæ  баиу сты регионалон  æмæ  глобалон  тыхтæ.   Хæст райдаыны авд  азы сæрыл, Сирийы  цалдæр регионы  хæст дарддæр кæны,   уый нымæцы  сæйраг сахар Дамаскъмæ хæстæг, скæсæн Гъутайы  æмæ  турчы арæнгæрон  Африны  регионы.