Ачъарайы хицауады хæдзары цур оппозицийы протестон акци цæуы
Батумы Ачъарайы хицауады хæдзары цур оппозицийы протестон акци цæуы.
Оппозицийы минæвæрттæ дзурынц, цæмæй протест дарддæр кæндзæн уæдмæ, цалынмæ сæйраг æркуырдтæ – парламенты æмæ Аъчарайы Бæрзонддæр Советы уæлрадон æвзæрстытæ афтæма ЦÆК-ы администраци ивд не рцæудзæн уæдмæ.
«Кæсут, хицауады хæдзары цур протест 24 сахатон режимæй куы цæуы, æмæ дарддæр кæндзæн цалынмæ алкæмæн дзæбæх бæрæг сæйраг æркуырдтæ нæ сыххæст уыдзысты, æвзæрстгæнджытæн хъуамæ уа сæрибар барæвзар саразыны фадат» – загъта «Националон Змæлды» минæвар Гиа Абуладзе.
Афтæма «Лелойы» минæвары Ираклий Къупрадзейы дзырдæй, акци регуляцитæ хъахъхъæнгæйæ цæуы.
«Протест цæуы абсолютонæй сабырæй, кæсут, регуляцитæ дæр хъахъхъæд сты. Абн æнæмсакæ акцийы хайадисæгы нæ фендзыстут, алцыппæт цæудзæн конститцион фæлгæттæм æмбæлгæйæ уæдмæ, цалынмæ нæ сыххæст уыдзысты сæйраг æркуырдтæ» – банысан кодта «Лело»-йы минæвар Ираклий Купрадзе.
Оппозицийы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй план кæнынц райсомæй хицауады хæдзары цур гом кафе саразын, афтæма сывæрой будкæтæ, кæцыты дæр бæрæг продукци уæй кæндзысты. Афтæма сæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ аразынц адæмон мерийæ цы схонынц уый, кæцыйы фæлгæтты æмбæлдзысты æмбæстæгтимæ æмæ проблемæты аскуыддзагыл тæрхон кæндзысты.
Оппозицийы минæвæрттæ, Аъчарайы хицауады хæдзары цур акцитæ уадзынц 8 ноябрæй, бынатыл æвæрд сты халагъудтæ, кæцыты дæр æхсæвы дæргъы акцийы цалдæр хайадисæг баззайы.