Абонæй уæгъд у гом тыгъдады социалон мадзæлттæ, сæ нымæцы бæрæгбонон, ритуалон мадзæлттæ, кæцыты уазджыты рекомендацигонд максималон нымæц 100 адæймаг уыдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министры сæрдариуæгæй архайæг æхсæнуагдонон координацион советы уынаффæйæ, абонæй уæгъд у гом тыгъдады социалон мадзæлттæ ( сæ нымæцы чындзæхсæвтæ, кæцыфæнды юбилейтæ, ритуалон мадзæлттæ æмæ а.д.) уадзын, кæцы мадзæлтты уазджыты рекомендацигонд максималон нымæц 100 адæймаг хъуамæ уа.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, совет ивгъуыд къуырийы нырид æруагъдта культурон мадзæлттæ организацидзинад гом тыгъдады, афтæдæр уæгъд ссис æхгæд тыгъдады репетицитæ уадзын, æнæнизхъахъхъæды министрады бæлвырд протоколмæ æмбæлгæйæ.