Вакцинацигонд уæнгты разæнгардкæныны нысанæн , абонæй райдайдзæн æрвылбойнон лæтæре, кæцыйы призон фонд у 2 800 000 лари.
Лæтæре афæдзы кæронмæ æрвылбойнон режимы цæудзæн. Æрвылбойнон равзæрстæй уæдай ма уыдзæн æрвылкъуырион дæр, афæдзы кæрон та лæтæре ацæудзæн 100 000 ларийы приз кæмæ уыдзæн лæвæрд, уый равзарынæн.
Лæтæрейы суммæ рауæлдай уыдзæн бюджетæй æмæ уым хайад райсдзæн алы æмбæстаг, кæцы иухаттонæй уæддæр у вакцинацигонд.
«Æмтгæйон призон фонд у 2 милуан 800 мин лари. Лæтæре цæудзæн æрвылбойнонæй, афæдзы кæронмæ. Æрвылбойнонæй уæлдай ма уыдзæн æрвылкъуырион хатдзæгон равзæрст. Бæрæг у, уыдзæн æндæр æмæ æндæр призон фондтæ – райдайгæ 100 ларийæ. 100 æмæ 500 ларийы бæрц призтыл равзæрст цаудзæн æрвылбойнонæй, æрвылкъуырионæй та 1000, 1500, 5000 æмæ 10 000 ларийы бæрц хорзæх уыдзæн. Хатдзæгон лæтæре та уыдзæн 2021 азы 31 декабры æмæ йæ призон фонд аххæсдзæн 100 000 ларимæ. Лæтæрейы хайад исынц 2021 азы 13 сентябры онг чи уыд вакцинацигонд, афтæдæр 13 сентябры фæстæ периоды чи уыдзæн вакцинацигонд уыцы æмбæстæгтæ дæр, – банысан кодта Гуырдзыстоны националон лæтæрейы компанийы юрист Кети Хуцишвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ рамбулыны фæдыл информаци райсын æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн веб-фарсæй www.stopcov.lotto.ge .
«Афтæма сæ бон у баздæхын Гуырдзыстоны националон лæтæрейы реализацион пункттæм. Æрвылбойнон æмæ æрвылкъуырион лæтæрейы чи рамбулдзæнис, уыдонмæ тилифонæй адзурыдзысты æмæ сын www.stopcov.lotto.ge -йæ информаци базонын кæндзысты», – загъта Кети Хуцишвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, лæтæрейы хатдзæгон хъазт ацæудзæн комкоммæ эфиры, лототроны уыдзæн хайад чи исы, уыдоны билеттæ æмæ хъазты акæнæг рабæрæг кæндзæн иу уæлахизгонды.