Гуырдзыстоны «Pfizer»-ы вакцинæйæ æфтауын абонæй райдайдзысты. Æмбæстæгты вакцинаци Тбилисы, Батумы æмæ Кутаисы клиникæты сыххæст уыдзæн.
Вакцинаци ауадздзысты уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ регистриргонд сты порталыл booking.moh.gov.ge æмæ рагахст сын ис визит. Сайтыл регистраци, медицинон персоналимæ иумæ, 25 мартæй сæ бон у 65 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæн дæр. Регистрацийы рæстæджы æмбæстæгтæн ис фадат, сæхæдæг сывзарой «Pfizer»-ы æмæ «Астразенекайы» вакцинæтæй сæ иу.
Бæстæйы коронавирусы ныхмæ вакцинаци «Астразенекайы» вакцинæйæ 15 мартæй райдыдта, 25 марты та Гуырдзыстон Америкæйы иугонд Штаттæй, «Pfizer»-ы вакцинæйы 30 000-ы онг дозæ райста, кæцыйæ вакцинаци абонæй райдайдзæн.