Абонæй  Европарламенты æвзæрстытæ райдыдта
Абонæй Европарламенты æвзæрстытæ райдыдта

Абонæй  европарламенты æвзæрстытæ райдыдта. «Politico» куыд фыссы афтæмæй,  фыццаг бæстæ  у Эстони, кæцыйы æвзæрстгæнджытæн  хъæлæс кæныны  бар  абонæй  ис.

Бæрæгдзырдæн Эстонийæн 720  бынатæй  европарламенты æдæппæт  авд  депутат  уыдзæн.

Эстонийы  æмбæстæгтæн европарламенты æвзæрстытыл  онлайн хъæлæскæнынад абонæй 09:00  сахатæй райдыдта, æрмæст  сихорæй  уыдон æвзарæнон фадгуытæм дæр  бацæудзысты.  Эстонийы  Æхсæнадон Уацхæссæгы хъусинагæй, 12:00 сахаты бæрæггæнæнтæй,  сæрмагонд æвзæрст 5000  адæймаг  ныридæгæн сфиксир кодта. Хъæлæскæнын æртæ боны аххæсдзæн.

Социологион иртасæнтæй, ацы  этапыл  лидер у  Эстонийы  раздæры  фæсарæн хъуыддæгты министр Урмас Рейнсалуйы консервативон парти «Фыдыбæстæ».

Ног æрсидты европарламенты æвзæрстыты датæтæй  официалонæй  6,7,8 æмæ 9 июн у бавдыст. Евроцæдисы  уæнг паддзахадты  æмбæстæгты  фылдæр   сæрмгонд æвзæрст  9 июны сфиксир кæндзысты.