Абон уагъд цæуы «Скæсæн Партнерады» саммит - 20 нысан 2020 азмæ

«Скæсæн партнерады»  радæй  фæндзæм саммит абон   Брюсселы,   Тбилисы рæстæгæй  11:30 сахатыл   райдыдта.  Уым  хайад расдзысты  евроцæдисы уæнг бæстæты  лидертæ æмæ программæйы  хайадисæг   æхсæз  бæстæйы, Гуырдзыстоны,  Украинæйы, Молдовæйы, Белорусы, Азербайджан æмæ Саомихыстоны  хицауады  уæнгтæ.   Мадзалыл  дзырдæй ралæудзæн   Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Квирикашвили.

Саммиты размæ ахæлиугонд пресс-релизы куыд у банысагонд  афтæмæй,  саммитыл фæныхас кæндзысты  фидæны æмкуысткæнынадыл.

Приортетонæй бавдыст сты   цыппар фарст:  1. Фидар экономикæ,  кæцы экономикæйы  рапарахаты  æмæ  базары   фадаттæй  хуыздæр спайда кæнын дары йæ хъуыдыйы,  2 фидар фæткъдаруат,  кæцы йæ хъуыдыы дары хицауадон институтты  фæтынг кæнын, 3. фидар цæдистæ,  кæцы транспорты  æмæ энергетикæйы  къабазты æмгуыстадимæ у баст; 4. Фидар  дзыллæ, кæцы баст у æмбæстæгты æхсæн цæдисты  фæфидардæр кæнынимæ.

Ацы приоритеттæм гæсгæ,  бæрæг сты  20 рард,  кæцыты сæххæст партнертæ хъавынц  2020 азмæ:

  1. Æмбæстагон дзыллæйон  организациты  хъуыддаджы бастдзинад.
  2. Гендерон  æмсæрады   рæзынад  æмæ  дискрминацийы кæрон скæнын
  3. Стратегион  коммуникациты  фæтыхджындæр кæнын,  медиаплюрализмы  æмæ бархи медийы баахъаз кæнын

Экономикон  райтынг  æмæ  базары фадæттæ

  1. Инвестицион æмæ бизнесæрдзы   фæхуыздæр;  лыстæг æмæ астæуккаг  кондадты  потенциалæн æххуыс
  • Плангонд у кредитты алæвæрд лыстæг æмæ астæуккаг  кондадтæн  бынæттон валютиæйæ.  План кæны  бынæттон финансон    инфраструктурæ срæфдз кæнын, кæцы райрæзын кæндзæн  финансдзинады альтернативæтæ  хицæн секторы  дарддæры  рæзынадæн
  1. Финансты æнцонвадатдзинады æмæ финансон инфраструктурæйы  фарстыты  уæвæг  аиппыты   сраст кæнын
  2. Ног куыстбынæтты сæвзæрын кæнын  бынæттон æмæ  регионон æмвзæадыл
  3. Цифрон базарты гармонизаци
  • Цифрон пакет – 50 милуан евро. Плангонд у  конкретон   къахдзæфтæ  роумингы   фæхуыздæргонд æргъты æмæ  роумингы тарифты  фæкаддæр кæныны  æрдæм  партнер бæстæты.  Цифрон пакетæн хъæугæ  мадзæлттæ ахъаз уыдзысты  интернеты бирæ æнцондæр  æмæ  аслам скæнынæн.  Сæрмагонд акцент арæзт цæуы регионтыл.
  1. Регионы миæдгон базарадæн æххуыс партнер бæстæты æмæ Евроцæдисы æхсæн институтты фæтынг æмæ æмбæлон  фæткъдæттын.
  2. Барады уæлдæрдзинад æмæ антикоррупцион механизмты фæтызджындæр кæнын
  • Фæткъдæттынады фæхуыздæры нысанæй  рахицæнгонд у 17-  милуан евро
  1. Сæйраг тæрхонон реформæты сæххæстæн æнцой
  2. Хицауадон администрирдзинады реформæйы сæххæстæн æххуыс

12 Æмгуыстады фæтынг кæнын  æдасдзинады фарстыты,  цæдистæ, энергоэффективондзинад,  æрдзы  хъахъхъæдад æмæ  климаты ивд

  1. Сæйраг трансевропаг транспортон  хызагы ауæрæхдæр кæнын
  2. Энергоифтонгады æдадзсинады рæзынад.

15.Энергоэффективондзинады æмæ  хæдсног кæнын хъом энергийы  ратæдзæнтæй пайдакæнынады рæзынад,  хъарм газты бæрцы  фæкъаддæр кæнын

  1. Æрдзы хъахъхъæды баахъаз æмæ   климаты ивды  æндæвдадмæ  хъæддыхдзинады фæтынгдæр кæнын

Мобилондзинад  æмæ  адæмты æхсæн контакттæ

  1. Æнтыст визалиберализацийы фарстыты фарстыты  æмæ  мобилон  æмгуыстады  фарстыты
  2. Æвзонгты фæлтæрдтæм инвестирдзинады фæхуыздæр   æмæ   куыстлæвæрды потенциал

 

  • Æрыгонты æмæ ахуырады  пакет – 340 милуан евро.
  • Плангонд у баивды  программæты æмæ   мобилондзинады фылдæр фадæттæй спайда кæнын, кæцы ратдзæн фадат   80 000 фылдæр  æрыгонæн, студентæн  æмæ  акадаемикъон азуыргæнæндоны  минæварæн,  спайда кæной программæйæ.  Фæстаг æртæ азы мидæг, Скæсæн Партнерады   бæстæты  10 400  студет райстой ахуырд   евроцæдисы  кæнæ  Скæсæн Партнерады  инициативæйы  хайадисæг бæстæты.
  1. Скæсæн Партнерады скъолайы бындурæвæрд
  • Плангонд у Гуырдзыстны европæйаг  скъолайы бакæнын  æмæ скъолаты æхсæн  æмгуыстады  фæтынгдæр кæнын,  кæцытæ кæрæдзиимæ  платформæйы фæрцы уыдзысты  баст.

 

  1. Скæсæ партнерады æмæ Евроцæдисы иртасаг  æмæ   инновациты  системæйы æмæ   программæты интеграци.

 

Уымæй уæлдай, саммиты  кæрон   публикацигонд æрцуæудзæн  евроцæдисы  уæнг  бæстæты   цæттæ  иумæйаг деклараци, кæцыйы  мидæг   партнер бæстæты  æрдæм  Брюсселы сæйраг  æрфитæггæгтæ сфиксир уыдзæн.

Текстыл куыст фæцис.  Документ абон  Тбилисы рæстæгæй  19:00  сахатыл   æрцæудзæн публикацигонд.

«Скæсæн Партнерады» саммит  афæдзы мидæг иу хатт цæуы  уагъд æмæ ацы аз    фыццаг  хатт цæуы Брюсселы.

Саммиты онг иу бон раздæр, Еврпæйаг советы  президент Гуырдзыстоны  премьер-министримæ, Украинæйы  президентимæ  æмæ Молдовæйы премьеримæ фембæлд.