Абон Стамбулы Уæрæсе æмæ Украинæйы æхсæн бадзырдты радн тур сырæздзæн
Абон Стамбулы Уæрæсе æмæ Украинæйы æхсæн бадзырдты радн тур сырæздзæн

Стамбулы абон Уæрæсе æмæ Украинæйы æхсæн бадзырдты иннæ тур сырæздзæн. Украинаг делегацийы къухдариуæг кæндзæн Украинæйы хъахъхъæнынады министр Рустем Умеров, Уæрæсейы делегацийы къухдариуæгæн та уыдзæн Уæрæсейы президенты æххуысгæнæг Владимир Мединский.

Уæрæсейаг фарс ныридæгæн æрцыд Стамбулмæ æмæ зæгъынц, цæмæй кусæгон настроенийы сты.

Туркаг медийы информацийæ, фарсыты æхсæн фембæлд Стамбулы уазæгдон «Чираган Палас»-ы 13:00 сахатыл плангонд у.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныхасы фыццаг раунд уагъд æрцыд Стамбулы 16 майы æмæ ахаста дыууæ сахаты бæрц. Уый фæстиуæгæн фарсытæ баххæсыдысты хæстон уацайрæгты ивды фæдыл бадзырдмæ, кæцы хæсты райдайæнæй сеппæтæй стырдæр ивæндзинадыл нымад цæуы. Дыккаг туры дыууæ фарсы дæр æруынаффæ кæндзысты сæ цæстæнгас æхсты фæурæды фæдыл. Уæрæсе, Мединскийы къухдариуæгадæй, бацæттæ кодта «сабырадон меморандум», Украинæ та йæхи пълан бавдисдзæн.