Абон, изæрæй 6 апрелы сæумæрайсоммæ, Гуырдзыстоны боныгъæд фæфыддæрдæр уыдзæн
5 апрелы, боны кæронæй 6 апрелы сæумæрайсоммæ, Гуырдзыстоны, (фылдæр бæстæйы хуырныгуылæны) æнъхæлмæкæсинаг у къæвда арвнæрдимæ, ранæй-рæтты фидар, уæлхох рæтты митуард, ныгуылæны æрдæм дымгæ, денджызыл 3-4 баллы шторм, – уый фæдыл информаци хъусын кæнынц æрдзы националон агентады.
«Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæй гæнæн ис Гуырдзыстоны цæугæдæтты доны бæрзæнды нысаниуæгджын рæзт расайа, хуырныгуылæн Гуырдзыстоны чысыл цæугæдæтты уыдзæн донивылдтæ, бæстæйы хохджын зонæты зæйы æмæ сыджытлæсæн процессты сæвзæрд- активизаци», – банысангонд у æрдзы националон агетады информацийы.