Нью-Йоркы абон Ино-йы генералон ассамблейы 74-æм сесси официалонæй байгом уыдзæн. Къуырийы сеппæтæй стыр интригæйыл нымад цæуы АИШ-ы æмæ Ираны президентты гæнæн фембæлд.
Генералон ассамблейыл касты сæйраг темæтæ уыдзæн – Иран, Персы бакæлæны фæкарзгонд уавæр, афтæдæр Цæгат Кореяйы æрдæгсакъадахы атомон хотыхтæй ссæрибары фарста æмæ Сирийы фарста.
23 сентябрæй ИНО-йы генералон ассамблейыл плангонд у климаты ивдмæ нывонд саммит. 24-30 сентябры та, ИНО-йы трибунæйæ ралæудзысты 100-йæ фылдæр паддзахады сæргълæууæг, 80 премьер-министр æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр.
АИШ-ы президенты дзырдæй ралæуд генералон дебатты фыццаг бон, 24 сентябрмæ у плангонд. Афтæдæр ИНО-йы трибунæйæ, генералон ассамблейы хайадисджыты раз дзырдæй ралæудзысты Бразилийы, Турчы, Францы, Ираны, ливаны, Палестинæйы, Польшæйы, Афгъанистаны æмæ Иракъы лидертæ. Ино-йы ассамблейыл фыццаг хатт ралæудзæн Украинайы президент Владимир Зеленский. Йæ рацыд 25 сентябрмæ у плангонд. Ацы бон баздæхдзæн уазджытæм Ираны президент Хасан Роухани дæр.
Гуырдзыстоны номæй ацы аз генералон дебатты хайад райсдзæн бæстæйы преиздент Саломэ Зурабишвили.