Абон ИНО-йы  генералон   ассамблейы   74-æм сесси  байгом уыдзæн
Абон ИНО-йы генералон ассамблейы 74-æм сесси байгом уыдзæн

Нью-Йоркы абон Ино-йы   генералон ассамблейы  74-æм сесси  официалонæй  байгом уыдзæн.   Къуырийы  сеппæтæй   стыр интригæйыл нымад цæуы  АИШ-ы æмæ  Ираны  президентты гæнæн   фембæлд.

Генералон ассамблейыл  касты сæйраг темæтæ  уыдзæн – Иран,  Персы  бакæлæны фæкарзгонд уавæр, афтæдæр  Цæгат Кореяйы  æрдæгсакъадахы  атомон  хотыхтæй  ссæрибары  фарста  æмæ Сирийы  фарста.

23 сентябрæй  ИНО-йы  генералон ассамблейыл  плангонд у  климаты ивдмæ нывонд  саммит. 24-30 сентябры та, ИНО-йы   трибунæйæ  ралæудзысты 100-йæ  фылдæр паддзахады сæргълæууæг, 80  премьер-министр æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр.

АИШ-ы  президенты  дзырдæй ралæуд  генералон  дебатты  фыццаг бон, 24  сентябрмæ у  плангонд. Афтæдæр   ИНО-йы   трибунæйæ,  генералон ассамблейы  хайадисджыты раз дзырдæй ралæудзысты  Бразилийы, Турчы, Францы, Ираны, ливаны, Палестинæйы, Польшæйы, Афгъанистаны æмæ Иракъы  лидертæ.  Ино-йы  ассамблейыл   фыццаг хатт  ралæудзæн Украинайы   президент Владимир Зеленский. Йæ рацыд  25  сентябрмæ  у плангонд.  Ацы бон  баздæхдзæн  уазджытæм Ираны  президент Хасан Роухани дæр.

Гуырдзыстоны  номæй  ацы аз генералон  дебатты  хайад райсдзæн бæстæйы преиздент Саломэ Зурабишвили.