Абон Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн Европаг Советы президент Шарль Мишель
Европæйы советы президент Шарль Мишель Гуырдзыстонмæ абон æрцæудзæн. Визиты фæлгæтты Мишель фембæлдзæнис Гуырдзыстоны президент Саловэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ æмæ парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ.
Шарль Мишель афтæдæр фембæлдзæн политикон партиты минæвæрттимæ.
Уымæй уæлдай ма, Европаг Советы президенты абалц кæндзæн оккупацион хаххы цур территоримæ, цæмæй æрзонгæ уа бынатыл уæвæг уавæримæ.
Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани хъуысын кæны, цæмæй Шарль Мишелы визит у Евроцæдисæй Гуырдзыстонæн фарсхæцыны равдыст, куыд регионы Евроцæдисы ахсджиаг партнерæн афтæ.
Европаг Советы президент Шарль Мишель Гуырдзыстонмæ абон æрцæудзæн, официалон фембæлдтæ сом ауадздзæн, бæстæйæ та 2 марты ацæудзæн. Гуырдзыстонæй дарддæр ма, Шарль Мишель афтдæрæ ныццæудзæн Молдовæ æмæ Украинамæ.