Абон ацæудзæн а.х. парламенты 11-æм æрсидты фыццаг æмбырд.
Сесси 12:00 сахатыл райдайдзæн æмæ йæ парламенты хистæр уæнг, Къахадзе Ладо байгом кæндзæн.
Парламенты ногæвзæрст уæнгты регистраци ЦÆК-ы æрдыгæй лæвæрд рæстæгмæ мандатты бындурыл сырæздзæн.
Ногæвзæрст парламенты рабадты боны фæткы фыццаг фарста у парламенты æппæт 150 уæнгæн йæ æххæстбарты банымад. Абоны рабадтыл парламенты сæрдар æмæ вице-спикертæ æвзæрст æрцæудзысты, афтæ дæр комитетты сæрдартæ æвзæрст æрцæудзысты.
ЦÆК-ы официалон хатдзæгтæм гæсгæ иуæндæсæм æрсидты парламентмæ æвзæрст æрцыд фондз политикон субъекты. «Гуырдзиаг бæллиццы» 150 уæнгон парламенты ис 89 мандат. Иннæ бынæттæ «Коалици ивæндзинæдтæн», «Иудзинад – националон змæлд», «Тыхджын Гуырдзыстон» æмæ «Амондджын Гуырдзыстоны» æхсæн адих кодтой. Фæлæ опозици сидынц, цæмæй парламентмæ бацæуын нæ хъавы.