Абхазы регионæй дыууæ æфсæддон æмæ æртæ граждайнаг уæнгы мардыбуæрттæ æрластой
Абоны бонмæ нырид идентифициргонд æмæ Гуырдзыстоны контролгонд территоримæ Абхазы регионæй æрластой фондз гоймагы, сæ нымæцы 2 æфсæддоны æмæ æртæ граждайнаг, кæцыты мардæвæрæн церемон æввахс периоды ацæудзæн – уый фæдыл фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Тея Ахвледиани фехъусын кодта.
Паддзахадон министры аппараты информацийæ, Тея Ахвледианийы къухдариуæгæй, гарзджын конфликты фæстиуæгæн æвæндаг æрбайсæфстуæвæг уæнгты бацагуырд æмæ раласынæн æхсæнуагдонон комиссийы рабадт ацыд.
«Абоны рабадтыл афæлгæстам Гуырдзыстоны 90-æм азты гарзджын архæйдтыты æмæ 2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн æвæндаг æрбайсæфтуæвæг уæнгты бацагуырды программæйы цыд, кæцы æххæстæуы Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты эгидæйæ æмæ æххусæй. Иттæг нысаниуæгджын у ацы программæйы дарддæры æххæст кæнын, йæ эффективондзинад сбæрзонддæр кæнын уый тыххæй цæмæй баззайгæ 2 300-йæ фылдæр бинонтæ, кæцытæ абоны бонмæ нæ зонынц сæ хæстæджыты амонд æмæ бынаты тыххæй, æмæ сын ацы æнхъæлмæкастæн исты схос кæнæм»- загъта паддзахадон министр Тея Ахвледиани.
Æхсæнуагдонон комисси 2019 азы 24 октябры Гуырдзыстоны хицауады уынаффæйæ уыд арызт. Процессы баст уагдæтты тыхархайдæй æмæ Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты эгидæйæ архайæг, гарзджын конфликтты фæстиуæгæн æвæндаг æрбайсæфтуæвæг уæнгты фæдыл координацион механизмты фæлгæтты активонæй цæуы 1990-æм азты гарзджын архæйдтыты æмæ 2008 азы августы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæстиуæгæн æвæндаг æрбайсæфтуæвæг уæнгты бацагуырды, идентификацийы æмæ бинонтæм радæттыны процесс. Ацы афонмæ гуманитарон координацион механизмты куысты фæстиуæгæн, идентифициргонд æмæ бинонтæм лæвæрд уыд 206 мардыбуар.