9 октябры Гуырдзыстоны къæвдайы прогноз дæттынц, денджызыл æнхъæлмæкæсинаг у 3-4 баллы тыхы шторм
Æрдзы националон агентады информацийæ, 9 октябры боны дыккаг æрдæгæй 11 октябры сихорафонмæ хурныгуылæн Гуырдзыстоны, æмæ хурыскæсæн Гуырдзыстоны та 10 октябры сихорафонмæ æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй рæстæгмæ къæвда æмæ авнæрд, ранæй-рæтты тæркъæвда, ныгуылæны æрдæм дымгæ. Денджызыл гæнæн ис 3-4 баллы тыхы шторм.
Агентады хъусинагæй, æнхъæлмæкæсинаг фидар дæлдзырæттæ гæнæн ис Гуырдзыстоны цæугæдæтты доны бæрзæнд фæфылдæр, чысыл цæугæдæттыл донивылдтæ, уæлхох зонæты сыджытлæсæн процессты активаци расайа.