85 гуырдзиаг зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг, ротацийы нысанæн, Турчы горæт Адиаманмæ араст ис
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты куысты 85 зынгвæдисон-ирвæзынгæнæг, ротацийы нысанæн, Турчы Республикæйы горæт Адиаманмæ араст сты.
Уæлвæтк уавæрты фæдыл куысты хъусинагæй, гуырдзиаг зынгвæдисон-ирвæзынгæнджыты ног бал уыцы ирвæзынгæнджыты фæивдзæн, кæцытæ ацы афонмæ æххæст кæнынц зæххæнкъуысты фæстиуджыты лиеквидацион æмæ ирвæзынгæнæн мадзæлттæ. Куыст дарддæр кæнынц бынатыл архайæг штабы къухдариуæггæнджытæ æмæ специализгонд ирвæзынгæнджытæ.
Гуырзиаг ирвæзынгæнæг бал горæт Адиаманы ирвæзынгæнæн операци дыууæ секторы æххæст кæны. Бынатыл арызт быдырон штаб Адиаманы операцион фæткдæттынады центримæ координацигондæй кусы.
«Гуырдзиаг ирвæзынгæнджыты ног бал комплектгонд у зæххæнкъуысты фæстиуджыты ликвидацион æмæ ирвæзынгæнæн мадзæлттæ сыххæсты æрдгæй ахуыргонд зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæй.
Ирвæзынгæнæг къорд ифтонгггонд у нырыккон акустикон фæрæзтæй, дронтæй, бастдзинады хæдтулгæйæ æмæ алы хуызы æмбæлгæ специалон ирвæзынгæнæн аппаратурæйæ.
Гуырдзиаг ирвæзынгæнджытæ, ирвæзынгæнæн мадзæлтты координаци кæны уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты къухдариуæггæнæг Теймураз Мгъебришвили .
Турчы Республикæйы зæххæнъкуысты фæстиуджыты ликвидацион æмæ ирвæзынгæнæн мадзæлттæм ирвæзынгæнæг къорд Гуырдзыстоны премьер-министры уынаффæйæ уæвы», – банысангонд у уæлвæтк уавæрты фæдыл куысты информацийы.