80 ног скъолайы арæзтады æмæ 320 скъолайы реабилитацийыл тендертæ сентябр-октябры райхъусын кæндзысты
Премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы инициативæйæ масштабон проект – 800 скъолайы арæзтад-реабилитацийы фыццаг этап цæугæ азы сентябр-октябры райдайдзæн æмæ тендер 80 ног скъолайы арæзтад æмæ 320 скъолайы реабилитацийыл райхъусын кæндзысты, – уый фæдыл премьер-министры пресс-куысты ахæлиугонд информацийы у банысангонд.
Проектмæ гæсгæйæ, баззайгæ 400 скъолайы реабилитацийы тендер 2023-2024 азты райхъусын кæндзысты æмæ 2026 азы кæронмæ, æмтгæй райсгæйæ 800 скъолайы арæзтад-реабилитаци сыххæст уыдзæн.
Проект ахуырадон ресурсты æмбæрцæй рæувадатдзинад æмæ сæ фæхуыздæр кæнын сифтонг кæндзæн æмæ йæ сæххæсты фæстæ 230 00-æй фылдæр ахуыргæнинаг пайда кæндзæн. Уый фæстиуæгæн, 2026 азы кæронмæ алы æхсæнадон ахуыргæнæндон рæвдз уыдзæн инфраструктурæйæ.
«Банысанкæнинаг у, цæмæй реабилитацийы æмæ ног скъолаты арæзтады рæстæджы рагхыгъдгонд у сæ ифтонгад нырыккон стандарттæм æмбæлгæйæ. Сæрмгаондæй та, арызт уыдзæн нырыккон лабораторитæ, спортивон инфраструктурæ, кæцы иттæг нысаниуæгджын у æнахъомты æнæниз цардуаг сфидаркæнынæн. Алы скъолайы инфраструктурæ æмхуызонæй адаптацигонд уыдзæн специалон ахуырадон домæнтæ кæмæн ис, ахæм ахуыргæнинæгтыл», – банысангонд у премьер-министры пресс-куысты информацийы.
Проекты æмтгæйон аргъ у иу миллиард лари.