5-6  июлы фæзындты фæдыл  тæрхондоны æрфарстой Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист Анна Броладзейы
5-6 июлы фæзындты фæдыл тæрхондоны æрфарстой Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист Анна Броладзейы

5-6  июлы  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  оператор Илиа Твалиашвили  æмæ  æндæр медиафæрæзты  минæвæртты ныхмæ  физикъон  тыхмидзинады æмæ профессион куысты æнæзакононæй бахъыгдарыны  фактыл зылынмæ лæвæрд   уæнгты хъуыддаджы  лæмбынæг каст  дарддæр кæны.

Абоны рабадтыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  журналист Анна Броладзейы æрфарстой.  Уый  фæндзæм июлы  айтынггонд фæзындтæ ноджы иу  хатт рымысыд, цæмæй  куыд балæбурдтой журналисттæм  акцийы  хайадисджытæ æмæ фыднад скодтой.

«Æз  уыдтæн  лæбурды  объект фæлæ аирвæрзтæн.Мæ  коллегæтæ архайдтой,   территорийæ сæхи айсын. Федтон  сæ нымæцы  мæ  оператор Илиа Твалиашвилийы хаудæй  æмæ йæ  надтой, уыцы  моменты  фехъуыстон   мæ коллегæйы  хъæр –  «Илиайы дам марынц» зæгъгæ.  Адæймаг уыд хауд æмæ йæ  цалдæр уæнгæй  надтой.  Хъыгагæн  ацы  цауы уыдыстæм  тыхмидзинады  амæттаг алы  телеуынынады  минæвæрттæ.   Пъæлицæйы  сидты  фæстæ, афтæ рауад æмæ   нæ  хæдтулгæйы  бадтысты  «Имедийы» æмæ «Рустави-2»-ы  журналисттæ.  Стæй нæ пъæлицæй  территорийæ  раласта.   Акцийы хайадисджытæ   рараст сты нæ фæдыл, расырдтой нæ, æлгъыстой æмæ  дзырдтой  цæмæй мах    æххæст кодта ЛГБТ уæнгты пропагандæ.  Мæ практикæйы бирæ акцитæ  срухс кодтон, фæлæ ахæм карз уавæр   бæстæйы фæсарæнты  цæугæ акцитыл дæр никуы  федтон» – загхта  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист Анна Броладзе.